Вадим (Бужук) Харебов - Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ

Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ - Вадим (Бужук) Харебов слова: Людмила Галаванова музыка: Ахсар Джигкаев Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ, Уæ бæрзæндтæй разилы сæр: Куыд уын бантъыст байрæзын афтæ? Тыхгæнæг уын ма уа æмсæр. Куы ныдздзæгъæл вæййын мæ фæндты, Куы риссы, куы цуды мæ къах. Сымах мын ― ныфсы хос, нæ хæхтæ, Мæ развæндмæ дарут цырагъ. Нæ хæхтæ ― нæ сагъæс, нæ намыс. Уæ цинимæ баиу мæ цин. Куы фестин фæндырдзæгъдæг æммыст ― Уæ кадæн, уæ номæн цæгъдин. Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ. Уæ бæрзæндтæй разилы сæр: Куыд уын бантъыст байрæзын афтæ? Тыхгæнæг уын ма уа æмсæр.