Хабæрттæ // 2023 / 27 ноября

240 адæймаджы æмæ техникæйы 40 иуæджы иуварс кодтой боныхъæды фæстиуджытæ республикæйы. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло бахæс кодта бæрнон службæтæн æвæстиатæй æмæ бæстойнæй бацархайын. Спортивон хъомылады фарстатæ иуварс кæнын. Сунжæйы кæронмæ фæхæццæ кæны бирæвæрсыг спортивон комплексы арæзтад. Футбол, теннис, баскетбол - алывæрсыг спортивон райрæзты гæнæнтæ. Сабиты курдиат раргом кæнынæн. Фольклорон сфæлдыстады фестиваль арæзт æрцыд Горæтгæрон районы. Архадтой дзы алы хъæуты скъоладзаутæ. Ирд мадзалæй - нæ равдысты æрмæг. _________________________ Мы рядом в: