29 псалом иронау. На осетинском языке.

Бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад, Дунедарӕг,       уымӕн ӕмӕ схӕцыдтӕ мӕныл       ӕмӕ ме знӕгты фéрайын нӕ бáуагътай.  Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ӕз Дӕм сдзынӕзтон,       ӕмӕ мӕ Ды сдзӕбӕх кодтай.  Ды сластай мӕрдтыбӕстӕй мӕ уды, Хуыцау,       райгас мӕ кодтай,       цӕмӕй ингӕнмӕ мá ныххизон.  Зарут Хуыцауӕн, Йӕ рӕстгӕнджытӕ,       ӕппӕлут Йӕ сыгъдӕг номӕй.  Уымӕн ӕмӕ Йӕ маст уысмӕй фылдӕр нӕ ахӕссы,       Йӕ áудын та – цӕрӕнбонты.       Изӕрӕй вӕййы хъарӕг,       райсомӕй та – цин.  Ӕз мӕ фӕрнджын афон дзырдтон:       «Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзынӕн».  Дӕ áудынӕй, Дунедарӕг,       Ды сфидар кодтай мӕ хох;       фӕлӕ Де ’ргом áздӕхтай мӕнӕй,       ӕмӕ ӕз фӕтыхстӕн.  Уӕд Дӕумӕ сдзырдтон, Дунедарӕг –       мӕ Хицауӕн лӕгъстӕ кодтон:  «Куы амӕлон, ингӕнмӕ куы ныххизон,       уӕд цы пайда у!       Сыджыт Дӕ стаудзӕни, мыййаг,       ӕмӕ хъусын кӕндзӕни Дӕ ӕцӕгад?  Фехъус мӕ, Хуыцау, ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн.       Дунедарӕг, ý ме ’ххуысгӕнӕг».  Мӕ хъарӕг мын раивтай зарынӕй,       раластай мӕ хъисынтӕ       ӕмӕ мӕ