Гæздæнты Б номыл адæмон оркестр Къуымæриттаты Т разамындæй бацархайдта Уæрæсейы оркестрты фестивалы

Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ паддзахадон оркестр Къуымæриттаты Тенгизы разамындæй бацархайдта Уæрæсейы национ оркестрты фестивалы гала-концерты. Кадджын мадзал ацыд Кремлы Паддзахадон галуаны. Национ оркестрты фестиваль арæзт æрцыд фыццаг хатт. Æнæмæнг, ахсджиаг мадзал у культурон царды. Фестивалы ма архайынц музыкалон коллективтæ бæстæйы 15 регионæй. Се 'хсæн Белгород, Грозна, Волгоград, Элиста æмæ æндæртæ. Фæстиваль сарæзтой Уæрæсейы культурæйы министрады хъæппæрисæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ национ, паддзахадон оркестры дирежер Къуымæриттаты Тенгизы, оркестры солисткæ Хуытыгаты Маринæйы æмæ музыкант Цырыхаты Мураты Кады гæххæттытæй фæнысан кодта Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Игорь Барсков. _________________________ Мы рядом в: