Æрдзон фыдбылызтæ, æмкусæджы мысгæйæ, рагон дзаумæттæ æмæ райгуырæн хъæумæ уарзондзинад

«Зынг» зæгъынæй ком нæ судзы. Æрхæццæ кæны зынгсирвæзтытæ æмæ донивылдтыты заман. Æрдзон фыдбылызты ныхмæ фæлæууыны тыххæй дзурæм нæ уазджытимæ. Æрымысыдыстæм ма журналист Дойаты Оледжы ном. Райсом æххæст кæны 10 азы, не `хсæнæй куы фæхъуыд, уыцы боныл. Дæрддзæф хохаг поселок Буроны цæрæг та хъахъхъæны, йæ фыдæлты æрмдзæф кæуыл баззад, уыцы дзаумæттæ. Æрбахаста сæ нæ студимæ. Фæлæ рæстæгыл чи тых кæны, ахæм уазæг дæр нæм уыдис. Зæрдиагæй аныхас кодтам къамисæгимæ. Цæмæй хицæн кæны иннæтæй, уый базондзыстут сымах дæр. _________________________ Мы рядом в: