«Нæхи Къоста»

Æвæдза, куыд æгъатыр у хъысмæт! Æрдз цыдæриддæр ратты ацы рухс дунемæ, уый фæстæмæ дæр æвæсмонæй йæхи бакæны. 1906 азы 1-æм апрелы йæ цардæй ахицæн, Ирыстоны адæм цалынмæ ацы зæххыл цæрой, уæдмæ дæр сæрбæрзонд цы хъæбулæй уыдзысты, уыцы Къоста. Кæцы фæнды ирон адæймагæн дæр æрмæстдæр йæ ном зæгъ – Къоста, зæгъгæ, æмæ йæ коймæ уайтагъддæр фестъæлфы, йæ зæрдæ айдзаг вæййы алыхуызон рухс хъуыдытæй, йе уæнгты цæрæццаг ныфс ахъары, уымæн æмæ æппæтæн дæр уарзон у. Кæддæр нæ поэттæй иу афтæ фыста: «Зæххыл йæ цардæй чи аразы цард, - æнусондзинад уымæн ис æрмæстдæр».