Ирыстоны тыххй фсарнты фыццаг хатт Всеволод Миллеры фрцы базыдтой

Ирыстоны тыххæй фæсарæнты фыццаг хатт Всеволод Миллеры фæрцы базыдтой. Зындгонд ахуыргонды кадæн æрвылаз Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртасæнты институты саразынц «Миллеры бакастытæ». 19-æм æнусы филолог æмæ истори иртасæг ам экспедициты цалдæр хатты уыд. Ирыстоны йæ афтæ тынг нымадтой, æмæ, зæгъынц, йе `цæг дунемæ куы ацыд, уæд ын йæ бинойнагæн арвыстой урс ссады голлаг. Уый уыдис 1924-æм æххормаг азы. Ахуыргонды тыххæй #Йæрæстæгыл радзырдтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртасæнты институты кусджытæ Брытъиаты Анжелæ æмæ Цæллагты Искрæ. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV